Хуссар Иры адресон æххуыс бакодтой 118 æххуысхъуаг æмбæстагæн

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры адресон æххуыс бакодтой 118 æххуысхъуаг æмбæстагæн
Хуссар Иры адресон æххуыс бакодтой 118 æххуысхъуаг æмбæстагæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрыны минимумæй къаддæр æфтиæгтæ кæмæн ис, уыдонæй 118 æххуысхъуаг æмбæстагæн бакодтой адресон социалон æххуыс 1 419 500 сомы бæрц, фехъусын кодта республикæйы фæллойады министрады пресс-службæ.
Уый размæ фæллойады министр Гаглойты Олег бахахх кодта, паддзахады бюджеты æмбæлон нысæнттæн иу азмæ æвæрд кæй вæййы 14 милуан сомы.
"Аланийы фæллойады министрад адресон æххуыс бакодта Республикæ Хуссар Ирыстоны 118 æххуысхъуаг æмбæстагæн 1 419 500 сомы суммæйы бæрц", - дзырдæуы министрады хъусинаджы.
Социалон æххуыс чи райста, уыдонæй фондз адæймаджы сты фыццаг къорды инвалидтæ, 3 адæймаджы – дыккаг къорды инвалидтæ, кæцытæ райстой цæфтæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы, 5 адæймаджы – сабийы бонтæй инвалидтæ, 71 адæймаджы – бирæсывæллонджын бинонтæ, 9 адæймаджы – фæмардуæвджыты бинонтæ, 13 адæймаджы – иунæг æмбæстæгтæ, 8 адæймаджы – сидзæртæ, 4 адæймаджы – царды уæззау уавæрты бахауæг æмбæстæгтæ..
Министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй республикæйы æххуысхъуаг æмбæстæгтæн фадат ис азы дæргъы райсын иухаттон социалон æххуыс 20 мин сомы онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0