Цæгат æмæ Хуссар Иры фæсивæд æрæмбырд уыдзысты форум "ÆРЫГОН"-мæ Урсдоны

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЦæгат Ир
Цæгат Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Дыууæ сæдæйæ фылдæр æвзонг адæймаджы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй хайад райсдзысты сæрдыгон студентон форум "ÆРЫГОН"-ы Урсдоны, уырдæм ма æрцæудзысты студенттæ Владивосток, Сургут, Астрахань, Мæскуы, Санкт-Петербург, Белгород, Краснодар, Ростов æмæ Уæрæсейы æндæр горæттæй, фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Форум цæудзæн Усрдоны 6-9 августы.
"Студенттæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисон программæ: лекцитæ æмæ тренингтæ, мастер-класттæ командон куыстæй, экскурситæ æмæ æндæр мадзæлттæ", - банысан кодта Меняйло.
Форумы хайадисджытимæ кусдзысты номдзыд гоймæгтæ: æхсæнад "Знание"-йы гендиректоры хæдивæг Антон Сериков, Паддзахадон думæйы депутат Сергей Бурлаков, журнал "Международная аналитика"-йы сæйраг редактор Сергей Маркедонов. Фæсивæдæн ма сорганизаци кæндзысты фембæлдтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтартимæ, культурæйы архайджытимæ, спортсментимæ, блогертимæ æмæ амалиуæггæнджытимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0