Джо Байден нал архайдзæн президенты æвзæрстыты

© Sputnik / Павел Бедняков /  Ахизын медиабанкмæДжо Байден
Джо Байден - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Америкæйы Иугонд Штаттыпрезидент Джо Байден хуыцаубоны фехъусын кодта, дыккаг æмгъуыдмæ баззайыныл кæй нал архайы æмæ кæй исы йæ кандидатурæ президенты æвзæрстытæй. Уыйхыгъд банысан кодта, ацы æмгъуыд кæронмæ бакусынвæнд кæй кæны.
"Мæнмæ гæсгæ, мæ парти æмæ мæ бæстæйæн хуыздæр уыдзæн, мæ кандидатурæ куы айсин æмæ ме `мгъуыды фæудмæ мæ тыхтæ куы саразин президентон хæстæ æххæст кæнынмæ" — ныффыста Байден, йæ социалон хызæгты кæй сæвæрдта, уыцы фыстæджы.
Уымæй дарддæр, йæ ныхæстæм бафтыдта, ацы къуыри официалон æгъдауæй кæй æрсиддзæн адæммæ æмæ сын бæстондæр кæй райхалдзæн йæ хъуыдытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0