Цхинвалы цæрæгмæ ссардтой хæцæнгарзаразæн ифтонгад — МХМ

© Sputnik / Наталья АйриянХæцæнгарз
Хæцæнгарз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik. Цхинвалы милицийы кусджытæ `рцахстой, хæцæнгарзаразæн ифтонгад кæмæ ссардтой, ахæм æмбæстаджы. Йемæ разынд æртæ нæмыджы.
21-аздзыд лæппуйы хæдзар сгаргæйæ барадхъахъхъæнджытæм бафтыд 41 патрон, рæмудзæн буарæдты детонацийæн ахъазгæнæг гарзæгтæ, гранатæйы хæйттæ, зынгæхсгæ хæцæнгæрзты хæйттæ, æмæ, сæ рацаразынæн чи бахъæуы, ахæм ифтонгад.
Лæппу ныртæккæ ис рæстæгмæ дарыны изоляторы.
Ног хабӕртты лентӕ
0