Ирон богалтæ рамбылдтой майдантæ IX Æппæтуæрæсейаг универсиадæйы

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæГрекъаг-ромаг хъæбысхæстæй турнир
Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цыппар ирон спортсмены рамбылдтой майдантæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй IX Æппæтуæрæсейаг универсиадæйы. Ерыстæ цæуынц Уфайы.
Гегкиты Азæмæт уæлахиздзау ссис 130 кг онг уæзы категорийы. Ирон богал акодта æртæ хæсты æмæ сæ алкæцыйы дæр рамбылдта.
Кады пьедесталмæ схизын баныст Теблойты Даниэль, Дойаты Арсалан æмæ Теблойты Дауытæн дæр. Сæ къухты бафтыдысты бронзæ майдантæ.
Афтæмæй, Ирыстонæн ацы турниры ис иттæг хорз бæрæггæнæн: бацархайдтой дзы цыппарæй æмæ се `ппæр дæр баисты майданты хицæуттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0