Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта ИÆАМ форматы фембæлд

© Sputnik / Михаил АвагимовВстреча в формате МПРИ на границе Южной Осетии и Грузии
Встреча в формате МПРИ на границе Южной Осетии и Грузии  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.07.2024
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл райдыдта Инциденттæ ма `руадзыны æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы радон фембæлд.Уынаффæмæ æрæмбырд сты Хуссар Ирыстон, Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ ОБСЕ-йы минæвæрттæ.
Боны фæткмæ бахастой, фæстаг фембæлдæй нырмæ паддзахадон арæныл цы инциденттæ `рцыд, уыдон, афтæ ма гуманитарон фарстытæ. Æдзухон темæ ссис, закъоны сæрты ахизгæйæ, гуырдзиаг полици Уисты хъæуы цы блокпост сæвæрдта, уый дæр.
ИÆАМ-ы архайджыты фембæлдтæ цæуынц 2009 азæй фæстæмæ. Ахæм формат саразыныл бадзырдæуыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы. Йæ нысан у дыууæ бæстæйы `хсæн æндыгъддзинад фæкъаддæр кæнынæн ахъаз кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0