Дзауы районы æрцыд зæххæнкъуыст

© Sputnik / Александр КряжевСейсмограммæ
Сейсмограммæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Дзауы районы цæрджытæ банкъардтой зæххæнкъуыст. Йæ эпицентр уыдис Хуыгаты хъæуы, йæ магнитудæйы тых – 2,4. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.
Ацы сæрд зæххæнкъуыстытæ уæлдай арæх вæййы Къуаисайы. Кæцыдæр хæдзæрттæн ныккæлынæй тас кæй у, уымæ гæсгæ-иу горæты цæрджыты бахъуыд æдде æхсæвиуат кæнын. Фæстæдæр сæвæрдтой, фæйнæ 50 адæймаджы кæм цæуы, ахæм халагъудтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0