Хуссар Ирыстоны парламенты ацыд президиумы рабадт

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Ирыстоны парламент
Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум сразы президенты хъæппæрисыл Джиоты Жаннæйы Национ банчы сæрдары бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл. Депутаттæ сразы сты ацы бынатмæ Бекъойты Сосланы снысан кæныныл дæр, афтæ ма æркастысты, ивгъуыд аз Национ банк æмæ хицауад цы куыст бакодтой, уый тыххæй хыгъдтæм æмæ паддзахадон бюджет æххæст кæныны фарстмæ. Уымæй уæлдай, схъæлæс кодтой "Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 15 азы сæххæсты" майдан саразыны тыххæй.
Хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.07.2024
Гаглойты Алан Национ банчы сæрдары бынатмæ раразмæ кодта Бекъойты Сосланы кандидатурæ
29 июлæй 9 сентябрмæ депутаттæ уыдзысты каникулты. Ууыл дæр ныхас цыд абоны рабадты. Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан куыд загъта, афтæмæй каникулты ацæуыны размæ нырма ауадздзысты иу сесси. Уым æркæсдзысты, президиумы кæуыл уынаффæ кодтой, уыцы фарстыты иу къордмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0