Коцты Егор скодта хатдзæгтæ ИÆАМ форматы 120-æм фембæлдæн

© Sputnik / Михаил АвагимовИÆАМ форматы фембæлд
ИÆАМ форматы фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Инциденттæ ма `руадзыны æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) фæлгæтты фæстаг дискуссийæ нырмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны режим фехалыны цауты нымæц у минималон. Уый тыххæй журналисттæн радзырдта Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргълæууæг Коцты Егор, ацы форматы 120-æм фембæлдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ.
"Ацы рæстæджы дæргъы паддзахадон арæныл æнæзакъон æгъдауæй ахызтысты æртæ хатты. Фæткхалджытæй дыууæ æрвыст æрцыдысты республикæйы территорийæ æнæ иварон санкцитæй. Æртыккагыл бакодтой уголовон хъуыддаг æмæ йыл цæудзæн тæрхон" – загъта дипломат.
Уымæй дарддæр, фехъусын кодта, банысангонд периоды гуырдзиаг полици æмæ Евроцæдисы миссийы цæстдарджыты `рдыгæй дæр фæткхалæн цаутæ кæй не `рцыд.
Коцты Егор райхæлдта йæ хъуыды, Уисты хъæуы гуырдзиаг полици, закъоны сæрты ахизгæйæ, цы блокпост сæвæрдта, уый тыххæй дæр.
"Ацы фарст алыг кæнынæн хъæуы вазыгджын æмæ биноныг куыст бакæнын. Ныртæккæ ахæм куыст цæуы, æмæ уын ныфс æвæрын, уый руаджы нын кæй бантысдзæн ацы пост Хуссар Ирыстоны территорийæ айсын кæнын" – загъта делегацийы сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0