Хуссар Ирыстоны президент фембæлд тыхон структурæты минæвæрттимæ

© Sputnik / Мария ТедееваОперативон æмбырд
Оперативон æмбырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Гаглойты Алан ауагъта оперативон æмбырд тыхон структурæты кусджытимæ æмæ сæ къухдариуæггæнджытимæ. Паддзахады сæргълæууæг сæм æрсидт се `мгуыстад фидардæр æмæ æнгомдæр кæнынмæ.
"Сæ сырæзты бонæй ныры онг нæ тыхон структурæты хсæн арæх уыдис алыхуызон конфликттæ. Æз мæ хæсыл нымайын уыдонæн кæрон скæнын. Мæ бон цы у, уый араздзынæн, цæмæй республикæйы тыхон структурæтæ æмгуыст кæной, кæрæдзи мбаргæйæ æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ", – загъта Гаглойты Алан.
Хицæнæй президент æрдзырдта расыг шофырты проблемæйыл æмæ банысан кодта, санкцитæ кæй хауынц алкæмæ дæр æмхуызонæй.

"Министрæдты æмæ тыхон структурæты кусджытæй ма расыгæй кæй `руромой, уыдон дзуапп дæтдзысты сæхуыдтæг дæр, æмæ, сæ къухдариуæггæнджытæй сæ сæрыл чи хæца, уыдон дæр. Ахæм барадхалæн цаутæ нæм ма хъуамæ уа. Чифæнды цыфæнды бынат ма ахса, уæддæр закъоны сæрты ахизыны бар никæмæн ис", – бафæдзæхста паддзахады сæргълæууæг æмæ бахæс кодта, цæмæй расыг шофырты ныхмæ исой карз мадзæлттæ.

Оперативон æмбырды хайад райстой парламенты сæрдар Мæргъиты Алан æмæ президенты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0