Хуссар Ирыстоны сфидаргонд æрцыд цардæн ахсджиаг хосты номхыгъд

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæХостæ
Хостæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik, Олег Джагаев. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы сфидар кодта æнæмæнгхъæуæг æмæ цардæн ахсджиаг хосты номхыгъд 2025 азæн. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры хæдивæг Цоциты Аллæ куыд загъта, афтæмæй уырдæм хаст æрцыдысты дыууæ ног препараты.
"Номхыгъды проектмæ бафтыдтам "Эзомепразол" – ахсæны туагадимæ баст низтæн ахъаззаг хос чи кæны, уыцы препарат, афтæ ма комбинацигонд препарат "Цефепим+Сульбактам" – уæззау инфекциты ныхмæ ног антибиотик" – фæбæлвырддæр кодта Цоциты Аллæ.
Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты нæуæг номхыгъд райсыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0