Гаглойты Алан фæуазæг сæрдыгон лагерьмæ

© Sputnik / Михаил АвагимовСæрдыгон лагерь Цхинвалы
Сæрдыгон лагерь Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвалы сæрдыгон лагеры баулæфыд сывæллæтты фыццаг къорд. Сæ рад фæцис цытджын церемонийæ. Уырдæм фæуазæг сты президент Гаглойты Алан æмæ ахуырады министр Лолаты Аслан.
Республикæйы къухдариуæггæнæг куыд загъта, афтæмæй рæзтæ фæлтæры патриотизмыл ахуыр кæнын у паддзахады тæккæ ахсджиагдæр хæстæй иу.

"Мах кæддæриддæр, цыфæнды уавæрты дæр нæ сывæллæтты зæрдæты хъуамæ рæзын кæнæм райгуырæн бæстæмæ уарзт. Цыдæриддæр нын фадæттæ ис, уыдонæй хъуамæ спайда кæнæм, цæмæй нæ сывæллæттæн раттæм хæрзхъæд ахуырад æмæ раст хъомылад. Æхсызгон мын у, ацы лагеры кæстæр фæлтæры раст фæндагыл кæй аразынц, уый", – банысан кодта Гаглойты Алан.

Уымæй дарддæр, бузныг загъта ахуыргæнджытæн æмæ хъомылгæнджытæн, сывæллæтты улæфæн рæстæг хорз организацигонд кæй æрцыд, уый тыххæй.
Сæрдыгон лагерь ис Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Байгом 15 июлы. Фыццаг къорды баулæфыдысты 80 адæймаджы. Ацы аз ма хъуамæ райсой дыууæ къорды.
Ног хабӕртты лентӕ
0