Хъорнисы хиды арӕзтад нывӕндынц балхынцъ кӕнын иу мӕйы дӕргъы

© Sputnik / Ада БагианХъорнис
Хъорнис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны автомобилон фӕндӕгты арӕзтады комитет нывӕнды балхынцъ кӕнын куыстытӕ Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы хидыл иу мӕйы дӕргъы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн комитеты разамонӕг Гӕбӕраты Алан.
Хид ныридӕгӕн кусы, фӕлӕ йӕ нырма нӕ радтой эксплуатацимӕ.
"Кӕд нын ӕнӕнхъӕлӕджы проблемӕтӕ ма фӕзына, уӕд куыстытӕ фӕуыдзыстӕм иу мӕйы дӕргъы", - банысан кодта Гӕбӕраты Алан.
Комавтодоры сӕргълӕууӕг фидарӕй загъта, объектыл куыстытӕ райдайдзысты, куыддӕр уагдоны техникӕ Синагуры зонӕйы куыст фӕуа, уӕд.
Ног хиды арӕзтад нывӕсты уыд 2025 азмӕ. Фӕлӕ фарон сӕрды тӕрккъӕвдаты фӕстӕ хид банымадтой тӕссагыл ӕмӕ йӕ сӕхгӕдтой автотранспорты змӕлдӕн. Уӕд аразджытӕ сарӕзтой рӕстӕгмӕ ахизӕн дӕр. Зӕронд хиды демонтаж ӕмӕ ног хид саразыны куыстытӕ райдыдтой 2023 азы фӕззӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0