Хуссар Иры КНП барвыста Генпрокуратурӕмӕ ӕрмӕджытӕ паддзахадон куыстуӕтты басгӕрсты фӕдыл

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры КНП барвыста Генпрокуратурӕмӕ ӕрмӕджытӕ паддзахадон куыстуӕтты басгӕрсты фӕдыл
Хуссар Иры КНП барвыста Генпрокуратурӕмӕ ӕрмӕджытӕ паддзахадон куыстуӕтты басгӕрсты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайӕн палатӕ (КНП) барвыста Генпрокуратурӕмӕ ӕрмӕджытӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Ирбис"-ы басгӕрсты фӕстиуӕгӕн. Уымӕй дарддӕр ма басгӕрст уагъд цӕуы "Энергоресурс – Хуссар Ирыстоны". Уый тыххӕй дзырд цыд президент Гаглойты Аланы фембӕлдыл КНП сӕргълӕууӕг Плиты Алымбегимӕ.
Плиты Алымбег радзырдта президентӕн, фыццаг кварталы кӕй сӕххӕст кодтой фараст контролон мадзалы, уыдонӕй аст балхынцъ кодтой.
КНП разамонӕг ма бахахх кодта, уагъд кӕй цӕуы паддзахадон ӕртаджы станц "Югосетнефтепродукт"-ы комплексон басгӕрст, афтӕ ма уагдоны нывӕсты ис ауадзын басгӕрст Ленингоры рынчындон ӕмӕ Ленингоры ЦКХ-ы.
Президент банысан кодта басгӕрсттӕ рауӕрӕх кӕныны ахсджиагдзинад.
© Photo : Пресс-служба президента РЮОКонтролон-нымайӕн палатӕйы сӕргълӕууӕг Плиты Алымбег ӕмӕ РХИ президент Гаглойты Алан
Председатель КСП Алимбег Плиев и президент Южной Осетии Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.07.2024
Контролон-нымайӕн палатӕйы сӕргълӕууӕг Плиты Алымбег ӕмӕ РХИ президент Гаглойты Алан
Ног хабӕртты лентӕ
0