Аст боксеры хъахъхъӕнынц Хуссар Иры спортивон кад фӕмардуӕвӕг десантникты номарӕн турниры

Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксертӕ равдыстой иттӕг хорз фӕстиуджытӕ фӕмардуӕвӕг десанткниктӕ Нурмагомед Гаджимамедов ӕмӕ Тимур Нуралиевы номарӕн Гом турниры боксӕй Ставрополы крайы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
Турнир уагъд цӕуы Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бӕрӕгбоны фӕлгӕтты.
Аст спортсменӕй ерысты фыццаг бон сӕ уӕзы категориты рамбылдтой тохтӕ Кокойты Ричард (37 кг), Гуыцмӕзты Тамерлан (63 кг) ӕмӕ Кокойты Алан (40 кг).
Комитеты банысан кодтой, аннӕ хуссарирыстойнаг боксерты тохтӕ кӕй ацӕудзысты цыппӕрӕм ӕмӕ майрӕмбоны.
Спортсменты тренертӕ сты Дзигойты Ацӕмӕз ӕмӕ Куымӕридтаты Родион.
Ног хабӕртты лентӕ
0