Хуссар Иры президент снысан кодта йе ’ххуысгӕнӕгӕй спорты фарстыты фӕдыл Зассеты Аланы

© Sputnik / Михаил АвагимовЗассеты Алан
Зассеты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта йе ’ххуысгӕнӕгӕй спорты фарстыты фӕдыл зындгонд хъӕбысӕйхӕцӕг ӕмӕ тренер Зассеты Аланы.
Уый тыххӕй паддзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта цыппӕрӕмы спорты минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы Цхинвалы.

Цыбыр биографи

Зассеты Алан райгуырд 1984 азы Цхинвалы.
2003 азы каст фӕцис фӕндзӕм астӕуккаг скъола.
2007-2009 азты службӕ кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады.
2008 азы каст фӕцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты "Автомобилон хӕдзарад"-ы дӕсниад.
Хайад иста гуырдзиаг агресси аиуварс кӕныны 2008 азы августы.
2020 азы каст фӕцис ХИПУ-йы "Физикон культурӕ"-йы дӕсниад.
Зассеты Алан у Уӕрӕсейы спорты мастер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, афтӕ ма Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау 2000 азы, Уӕрӕсейы чемпион мастерты ӕхсӕн 2023 азы, дунейы чемпионаты бронзӕйон призер 2023 азы, Уӕрӕсейы кубокы уӕлахиздзау 2024 азы.
Ис ын бинонтӕ, хъомыл кӕны ӕртӕ сывӕллоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0