Гаглойты Алан фембæлд Петербурджы æхсæнадæмон фестивалы уæлахиздзау ансамбль "Фидæн"-имæ

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд Петербурджы æхсæнадæмон фестивалы уæлахиздзау ансамбль "Фидæн"-имæ
Гаглойты Алан фембæлд Петербурджы æхсæнадæмон фестивалы уæлахиздзау ансамбль Фидæн-имæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан райста сывæллæтты хореографион ансамбль "Фидæн"-ы коллективы, уыдон ссисты фыццаг къæпхæны лауреаттæ æхсæнадæмон фестиваль-конкурсы "Времена года. Санкт-Петербург". Фембæлды ма хайад райста ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан.
"Нæ сфæлдыстадон къордтæ æмæ спортсментæ куыд арæхдæр исой хайад æхсæнадæмон мадзæлтты, афтæ фылдæр кæндзæн сæ фæлтæрддзинад æмæ курдиат. Республикæйы æддейæ сымах æвдисут æрмæст уæхи нæ, фæлæ уæ ныййарджыты æмæ бинонты, сымах хæссут Хуссар Ирыстоны ном. Хицæнæй мæ бузныг фæнды зæгъын ансамблы педагогтæн уæхимæ бæрндзинад кæй райстат ацы сывæллæтты фæдыл, уый тыххæй", - радзырдта Гаглойты Алан.
Ансамблы разамонæг Хуыгаты Олеся бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн хъусдарды тыххæй æмæ йын радта бузныджы фыстæг сфæлдыстадон къорд "Салют Талантов"-æй.
© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд Петербурджы æхсæнадæмон фестивалы уæлахиздзау ансамбль "Фидæн"-имæ
Встреча президента РЮО с коллективом детского хореографического ансамбля Фидан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2024
Гаглойты Алан фембæлд Петербурджы æхсæнадæмон фестивалы уæлахиздзау ансамбль "Фидæн"-имæ
Ног хабӕртты лентӕ
0