Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг радзырдта Гаглойты Аланӕн Никарагуамӕ балцы тыххӕй

© Photo : Пресс-служба МИД РЮОСандинистон революцийы афӕдзы бонӕн нывонд бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ
Сандинистон революцийы афӕдзы бонӕн нывонд бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан майрӕмбоны фембӕлд республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсаримӕ.
Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) разамонӕг радзырдта президентӕн, Хуссар Ирыстоны делегаци хайад кӕй райста Сандинистон революцийы 45 азы юбилейӕн нывонд бӕрӕгбонон мадзӕлтты.
"Мах райстой Никарагуайы президент Даниэль Ортега ӕмӕ бӕстӕйы вице-президент Росарио Мурильо. Уымӕй дарддӕр мах фембӕлдыстӕм Никарагуайы ФХМ сӕргълӕууӕг Денис Монкадоимӕ, афтӕ ма президенты уынаффӕгимӕ инвестициты фӕдыл Лауреано Ортега Мурильоимӕ. Никарагуайы фарс ногӕй бахахх кодта, кӕй сӕ цымыдис кӕны республикӕимӕ ӕмгуыстад райтынг кӕнын ӕппӕт къабӕзты", - радзырдта министр.
Джиоты Ӕхсар радта паддзахады сӕргълӕууӕгӕн чысыл лӕвар Никарагуайы президент Даниэль Ортегайӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0