Хуссар Иры президент раарфӕ кодта десантниктӕн сӕ бӕрӕгбоны цытӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты Бон Хуссар Иры
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты Бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. "Цъӕх береттӕ" алыхатт дӕр ӕнувыд службӕ кодтой Райгуырӕн бӕстӕйӕн, ӕвдыстой хӕстон цӕттӕдзинады бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ хъайтардзинад иууыл уӕззаудӕр хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфӕйы телы Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты Боны цытӕн.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы майрӕмбоны нысан кӕнынц Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты Бон.
"Десантникты нымайынц ӕфсады элитӕйыл, Фыдыбӕстӕйы фидар уартыл. "Базырджын пехотӕ"-йы солдаттӕ ӕмӕ офицертӕ алыхаттдӕр вӕййынц иууыл тӕссагдӕр бынӕтты, цы ран хъӕуы иттӕг хорз хӕстон ӕмӕ физикон цӕттӕдзинад", - банысан кодта президент.
Президент бузныг загъта десантниктӕн сӕ фидар уды хъӕд ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0