Коцойты Зелим рамбылдта гуырдзиаг дзюдоисты ӕмӕ ссис Олимпиаг хъӕзтыты чемпион Парижы

© Photo : Международная федерация дзюдоЗелим Коцоев
Зелим Коцоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон дзюдоист Коцойты Зелим ссис Олимпиаг хъӕзтыты чемпион Парижы.
Коцойты Зелим ӕхсӕнадӕмон аренӕйы хъахъхъӕны Азербайджаны спортивон кад, уый ссис уӕлахиздзау 100 килограммы онг уӕзы категорийы.
Олимпиаг турниры финалы ирон дзюдоист рамбылдта гуырдзиаг спортсмен Илия Суламанидзейы. Карз тохы гуырдзиаг дзюдоист райста ӕртӕ "шидо"-йы, уый фӕстиуӕгӕн уӕлахиздзау ссис Коцойты Зелим.
Коцойты Зелим ныр у ӕртӕ егъау ӕхсӕнадӕмон ерысты уӕлахиздзау – Европӕйы чемпионат, дунейы чемпионат ӕмӕ Олимпиаг хъӕзтытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0