Хуссар Иры хорз темптæй цалцæг кæнынц донæмбырдгæнæнтæ

© Photo : пресс-служба министерства строительства РЮОХуссар Иры хорз темптæй цалцæг кæнынц донæмбырдгæнæнтæ
Хуссар Иры хорз темптæй цалцæг кæнынц донæмбырдгæнæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны активон темптæй цæуынц магистралон доны хæтæл "Едыс-Цхинвал"-ы донæмбырдгæнæнтæ æмæ аварион фадгуытæ сцалцæг кæныны фæдыл арæзтадон-монтажон куыстытæ, хъусын кæны республикæйы арæзтады министрады пресс-службæ.
Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кусджытæ ныридæгæн бацæттæ кодтой 4 километры дæргъæн трассæ, азы нывæсты та уыд æхсæз километры.
Министрады ма бахахх кодтой, аразджытæн кæй нæй проблемæтæ финанскæнынад æмæ арæзтадон æрмæджытæ æрласынимæ.
Объекты куыстытæм æрбаздахтой 25 адæймаджы æмæ техникæйы фондз иуæджы. Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, куыстытæ нывæндынц фæуын 2026-2028 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0