Гаглойты Алан раарфæ кодта Марат Кулахметовæн йæ юбилейы цытæн

© Sputnik / Наталья АйриянМарат Кулахметов
Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов Фыдыбæстæйæн йæ бирæазон службæйы руаджы райста стыр авторитет, æдзух æвдыста патриотизмы дæнцæг, банысан кодта республикæйы президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы дипломатæн йæ юбилейы цытæн.
"Хæстон, дипломат, Фыдыбæстæйы иузæрдыг хъæбул, Дæ бирæазон службæйы руаджы райстай егъау авторитет. Мах бæрзонд аргъ кæнæм Дæ хисæрмагонд хайбавæрдæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн ахастытæ сфидар кæныны хъуыддагмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Марат Кулахметовы снысан кодтой Уæрæсейы минæварæй Хуссар Ирыстоны 2017 азы уалдзæджы. 2004-2008 азты Кулахметов уыд гуырдзиаг-ирыстойнаг конфликты зонæйы сабырад бавæрыны фæдыл Æмхæццæ тыхты командæгæнæг, 2011 азæй фæстæмæ та уыд Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг æмæ арæх цыд Цхинвалмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0