https://sputnik-ossetia.com/20240808/tskhinvaly-ssardtoy-irystony-khaytart-bagaty-amiran-m-dzhioty-azmty-rukhs-nmtt-30060014.html
Цхинвалы ссардтой Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ
Цхинвалы ссардтой Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы ссардтой 2008 азы августы хæсты рæстæджы фæмардуæвæг Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ... 08.08.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-08-08T16:08+0300
2024-08-08T16:08+0300
2024-08-08T16:08+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
08.08.08.
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/08/18156988_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_41e778f13026f41c062043b63568ca2a.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы ссардтой 2008 азы августы хæсты рæстæджы фæмардуæвæг Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ.Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райста Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты разамонджытæ, афтæ ма æхсæнады минæвæрттæ.Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады разысгарӕн къорды командир Багаты Амиран ӕмӕ йе ‘мкусджытӕ – ӕдӕппӕтӕй фараст адӕймаджы – 2008 азы августы ӕрурӕдтой гуырдзиаг ӕфсӕддонты колоннӕ, кӕцы бырста Цхинвалмӕ ныгуылӕн фарсӕй. Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, знаджы колоннӕйы уыд 500-йӕ фылдӕр адӕймаджы.Ацы лӕппутӕ сӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтой – баурӕдтой знаджы. Фӕлӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕт (Пантера) фӕмард сты ацы тохы рӕстӕджы. Уыдоны мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх орден "Уацамонгӕ", - йӕ.Дӕс азы фӕстӕ ацы бынаты сӕвӕрдтой цыртдзӕвӕн. Хӕрдзтӕ иууылдӕр сӕхимӕ райстой Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты ӕмкусджытӕ, сӕ хиуӕттӕ, ӕмгӕрттӕ ӕмӕ горӕты ӕндӕр цӕрджытӕ.Хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъолайӕн радтой Хуссар Ирыстоны Хъайтар Багаты Амираны ном, уагдоны рауагъдон къласӕн та радтой Джиоты Азӕмӕты ном.
https://sputnik-ossetia.com/20240808/khussar-iry-ssardtoy-2008-azy-fmarduvg-urseyag-fidauyngndzhyty-rukhs-nmtt-30058412.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/08/18156988_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_8f551e0640b48f237be3e8a1cfec2f75.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, 08.08.08.
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, 08.08.08.
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы ссардтой 2008 азы августы хæсты рæстæджы фæмардуæвæг Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ.
Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райста Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты разамонджытæ, афтæ ма æхсæнады минæвæрттæ.
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады разысгарӕн къорды командир Багаты Амиран ӕмӕ йе ‘мкусджытӕ – ӕдӕппӕтӕй фараст адӕймаджы – 2008 азы августы ӕрурӕдтой гуырдзиаг ӕфсӕддонты колоннӕ, кӕцы бырста Цхинвалмӕ ныгуылӕн фарсӕй. Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, знаджы колоннӕйы уыд 500-йӕ фылдӕр адӕймаджы.
Ацы лӕппутӕ сӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтой – баурӕдтой знаджы. Фӕлӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕт (Пантера) фӕмард сты ацы тохы рӕстӕджы. Уыдоны мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх орден "Уацамонгӕ", - йӕ.
Дӕс азы фӕстӕ ацы бынаты сӕвӕрдтой цыртдзӕвӕн. Хӕрдзтӕ иууылдӕр сӕхимӕ райстой Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты ӕмкусджытӕ, сӕ хиуӕттӕ, ӕмгӕрттӕ ӕмӕ горӕты ӕндӕр цӕрджытӕ.
Хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъолайӕн радтой Хуссар Ирыстоны Хъайтар Багаты Амираны ном, уагдоны рауагъдон къласӕн та радтой Джиоты Азӕмӕты ном.