Хуссар Ир хайад исы форум "Армия-2024"-йы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир хайад исы форум "Армия-2024"-йы
Хуссар Ир хайад исы форум Армия-2024-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Сабанты Инал хайад исы Æхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум "Армия-2024"-йы. Хъахъхъæнынады министримæ форуммæ ацыдысты йæ хæдивджытæ, хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Егъау мадзал цæуы Мæсуыгæрон парк "Патриот"-ы 12-æй 14-æм августмæ. Форумы хайад исынц 83 паддзахады официалон делегацийы.
Æхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум "Армия-2024" у иттæг ахсджиаг мадзал хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады къабазы, кæцыйы фæлгæтты æппæт дунейæ хайадисджытæ дзурынц ног технологитæ æмæ инновацитыл, æвдисынц ног хæцæнгæрзты хуызæгтæ, бафыссынц æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл бадзырдтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0