Цӕгат Иры фӕзынд 200-йӕ фылдӕр ног фермерон хӕдзарады

© Photo : Telegram / Сергей МеняйлоФермерское хозяйство в Северной Осетии. Архивное фото
Фермерское хозяйство в Северной Осетии. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны грант "Агростартап"-ы руаджы сарӕзтӕуыд 219 ног фермерон хӕдзарады. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло йӕ Telegram-каналы.
"Мах кусӕм националон проект "Чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгад"-мӕ гӕсгӕ, радтӕм фӕрӕзтӕ зӕххы фадгуытӕ, фос, талатӕ, техникӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ балхӕнынӕн. 2024 азы 30-ӕй фылдӕр фермеры райсдзысты паддзахадон ӕххуыс 132 милуан сомы бӕрц", - банысан кодта Меняйло.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, хъӕууон хӕдзарады министрады специалисттӕ алыхат дӕр цӕттӕ кӕй сты баххуыс кӕнын ӕмӕ консультаци раттын грантисджытӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0