Ирон богалтæ æнтыстджынæй бацархайдтой Уæрæсейы чемпионаты

© United World WrestlingБагаты Арслан (рахизырдыгæй)
Багаты Арслан (рахизырдыгæй) - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуыцаубоны Хъæрæсе-Черкесы кæронмæ бахæццæ, 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты `хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионат. Турниры хайад райстой Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Сæ къухты бафтыд æхсæз майданы.
Уæрæсейы чемпионтæ систы Багаты Арслан (86 кг онг) æмæ Джиоты Георги (125 кг онг). Таугазты Георги рамбылдта æвзист майдан, пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ та схызтысты Хъотайты Тимур, Кодзырты Сергей æмæ Дзæгъиаты Сослан.
Призерты нымæцмæ бахауынмæ бирæ нал хъуыд Хъызынты Дзамболат, Плиты Алан æме Мамиты Давиды дæр, фæлæ "бронзæйы" сæрыл хæст рамбылдтой сæ ныхмæлæуджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0