Цхинвал архайы Минскимæ ахастытæ сфидар кæныныл

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik. Президент Гаглойты Алан ратта интервью уæрæсейаг газет "Известия"-йæн. Паддзахады сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстонæн æппæты хуыздæр варианттæй иу у Цæдисон паддзахады скондмæ бахизын. "Ныртæккæ куыст цæуы Беларусимæ æмгуыстад сфидар кæныныл", – банысан кодта Гаглойты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма дзырд цæуы спорты æмæ гуманитарон къабазы контакттыл, фæлæ йæ ныфс ис, фидæны Цхинвал æмæ Минскы ахастытæ кæй уыдзысты ноджы æнгомдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0