Дзæуджыхъæуы ацæудзæн Цхуырбаты Гурамы номарæн æхсæнадæмон турнир футболæй

© Sputnik / Нина Зотина /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы ацæудзæн Цхуырбаты Гурамы номарæн æхсæнадæмон турнир футболæй
Дзæуджыхъæуы ацæудзæн Цхуырбаты Гурамы номарæн æхсæнадæмон турнир футболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны командæ хайад райсдзæн Цхуырбаты Гурамы номарæн æрвылазон турниры футболæй Дзæуджыхъæуы, хъусын кæны 15-æм Регион.

"Ерысты уæлахизыл тох кæндзысты командæтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Краснодары крайæ, Волгоградæй æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Турнир райдайдзæн спортивон скъола "Юность"-ы централон быдыры дыццæджы, 21 августы, æмæ фæуыдзæн 23 августы. Уæлахиздзаутæн хорзæхтæ ратдзысты спорты ветерантæ æмæ официалон гоймæгтæ.
Цхуырбаты Гурам у цхинвайлаг футболон скъолайы хъомылгæнинаг. Йæ хъазты карьерæйы фылдæр хай арвыста тбилиссаг "Динамо"-йы. Советон Цæдисы командæйы сконды ауагъта авд хъазты (сæ нымæцы дыууæ хъазты ССРЦ олимпиаг командæйы сконды 1968 азы Олимпиаг хъæзтыты рæстæджы).
Цхуырбаты Гурам уыд футболон командæ "Спартак"-ы (Цхинвал) сæйраг тренер 1973-1974 азты, афтæ ма футболон скъола "Спартак"-ы (Цхинвал) разамонæг дæр 1975 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0