Курскы областмӕ ӕрбабырсты фӕстӕ Украинӕимӕ баныхасы тыххӕй дзырд нал ис – Уӕрӕсейы ФХМ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров
Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Сергей Лавров фехъусын кодта, Украинӕ Курскы областмӕ куы ӕрбабырста, уый фӕстӕ Киевимӕ баныхасы тыххӕй дзырд дӕр нал ис. Уый тыххӕй министр радзырдта йӕ интервьюйы журналист Павел Зарубинӕн.
"Уӕрӕсейы президент ӕргомӕй загъта, зӕгъгӕ, Курскы областы территоримӕ ӕрбабырсты фӕстӕ Украинӕимӕ баныхасы тыххӕй дзырд дӕр нал ис. Ноджы ма президент загъта иу ахсджиаг фразӕ: "мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, саргъ кӕндзыстӕм ацы уавӕрӕн фӕстӕдӕр", - хъусын кӕны Лавровы ныхӕстӕ РИА Новости.
Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты Генералон штабы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Украинӕйы ӕфсӕдтӕ 6 августы райсом 5.30 сахатыл ӕрбабырстой Курскы областмӕ. Хӕстон архӕйдтыты рӕстӕджы Курскы здӕхты Украинӕ фесӕфта 3,8 мин адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0