Ӕвзонг футболисттӕ Хуссар Ирӕй ӕнтыстджын архайд кӕнынц ӕхсӕнадӕмон турниры Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Михаил АвагимовФутбол
Футбол - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Ӕрыгӕтты футболон командӕ "Спартак-Цхинвал" ӕнтыстджын архайд кӕны ССРЦ командӕйы раздӕры хъазӕг Цхуырбаты Гурамы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турниры, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
Спортивон скъола "Юность"-ы централон быдыры Дзӕуджыхъӕуы хуссарирыстойнаг командӕ ауагъта дыууӕ хъазты ӕмӕ дыууӕты дӕр фӕуӕлахиз. Фыццаг хъазты "Спартак-Цхинвал" рамбылдта командӕ "Юность"-ы 5:2 хыгъдӕй, дыккаг фембӕлды та рамбылдтой сӕ ныхмӕлӕуджыты Краснодарӕй 3:1 хыгъдӕй.
Ерысты хайад исынц командӕтӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй, Краснодары крайӕ, волгоградӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр регионтӕй. Финалон хъӕзтытӕ ацӕудзысты майрӕмбоны, 23 августы.
"Спартак-Цхинвал" командӕйы ӕрыгон футболистты тренертӕ сты Бестауты Къӕдзӕхмӕт ӕмӕ Къусраты Ромео.
Цхуырбаты Гурам у цхинвайлаг футболон скъолайы хъомылгæнинаг. Йæ хъазты карьерæйы фылдæр хай арвыста тбилиссаг "Динамо"-йы. Советон Цæдисы командæйы сконды ауагъта авд хъазты (сæ нымæцы дыууæ хъазты ССРЦ олимпиаг командæйы сконды 1968 азы Олимпиаг хъæзтыты рæстæджы).
Цхуырбаты Гурам уыд футболон командæ "Спартак"-ы (Цхинвал) сæйраг тренер 1973-1974 азты, афтæ ма футболон скъола "Спартак"-ы (Цхинвал) разамонæг дæр 1975 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0