https://sputnik-ossetia.com/20240827/tskhinvaly-atsyd-khdbardzinady-banymady-bonn-nyvond-brgbonon-mbyrd-30233675.html
Цхинвалы ацыд хæдбардзинады банымады Бонæн нывонд бæрæгбонон æмбырд
Цхинвалы ацыд хæдбардзинады банымады Бонæн нывонд бæрæгбонон æмбырд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыны Бонæн нывонд бæрæгбонон æмбырд. Мадзалы хайад... 27.08.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-08-27T10:00+0300
2024-08-27T10:00+0300
2024-08-27T10:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хæдбардзинад банымайыны бон
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/1a/30228933_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_81b62c6b3d506d4db64b871e32ffde71.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыны Бонæн нывонд бæрæгбонон æмбырд. Мадзалы хайад райстой республикæйы къухдариуæгад, хицауады уæнгтæ, депутаттæ, бæстæйы раздæры президенттæ – Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Цæгат Ирыстон, Абхаз æмæ Дагестанæй цытджын уазджытæ, Уæрæсейы Паддзахадон думæйы минæвæрттæ.Æмбырд бакодта видео "Нæ уæлахизи истори", цы ран цæрджытæ радзырдтой сæ тæлмæнтæ 2008 азы 26 августы цауты тыххæй.Бæрæгбоны фæдыл æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта республикæйы президент Гаглойты Алан. Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, 2008 азы 26 август кæй ссис амонд æмæ ныфсы бон алкæмæндæр.Бæрæгбонон æмбырды ма ралæууыд Уæрæсейы минæварады минæвар Хуссар Ирыстоны Александр Журов. Уый раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметовы номæй. Дипломат ма бакаст арфæйы тел Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинады Советы сæргълæууæджы хæдивæг Дмитрий Медведевæй.Уымæй дарддæр арфæйы ныхæстимæ ралæууыдысты республикæйы уазджытæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/1a/30228933_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_89e324f7f9256379a6fa4a760e3aa546.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хæдбардзинад банымайыны бон
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хæдбардзинад банымайыны бон
Цхинвалы ацыд хæдбардзинады банымады Бонæн нывонд бæрæгбонон æмбырд
ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыны Бонæн нывонд бæрæгбонон æмбырд. Мадзалы хайад райстой республикæйы къухдариуæгад, хицауады уæнгтæ, депутаттæ, бæстæйы раздæры президенттæ – Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Цæгат Ирыстон, Абхаз æмæ Дагестанæй цытджын уазджытæ, Уæрæсейы Паддзахадон думæйы минæвæрттæ.
Æмбырд бакодта видео "Нæ уæлахизи истори", цы ран цæрджытæ радзырдтой сæ тæлмæнтæ 2008 азы 26 августы цауты тыххæй.
Бæрæгбоны фæдыл æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта республикæйы президент Гаглойты Алан. Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, 2008 азы 26 август кæй ссис амонд æмæ ныфсы бон алкæмæндæр.
"Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл скъуыддзаг равдыста Уæрæсейы иузæрдыгдзинад æхсæнадæмон барадæн. Ацы скъуыддзаг радта хъахъхъæнынады гарантитæ æфсæддон архайды ныхмæ Гуырдзыстоны рдыгæй. Хæдбардзинады банымад радта фадат аразын паддзахад æмæ райтынг кæнын социалон-экономикон къабаз Уæрæсейы æххуысæй", - загъта президент.
Бæрæгбонон æмбырды ма ралæууыд Уæрæсейы минæварады минæвар Хуссар Ирыстоны Александр Журов. Уый раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметовы номæй. Дипломат ма бакаст арфæйы тел Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинады Советы сæргълæууæджы хæдивæг Дмитрий Медведевæй.
Уымæй дарддæр арфæйы ныхæстимæ ралæууыдысты республикæйы уазджытæ.