Цхинвалы цæрæджы æрцахстой йе ‘мкъайæн æртхъирæн кæныны тыххæй

© Depositphotos.com / Ryanking999Цхинвалы цæрæджы æрцахстой йе ‘мкъайæн æртхъирæн кæныны тыххæй
Цхинвалы цæрæджы æрцахстой йе ‘мкъайæн æртхъирæн кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik. Милицийы кусджытæ æрцахстой Цхинвалы цæрæджы йе ‘мкъайæн æртхъирæн кæныны тыххæй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

"Горæты мидхъуыддæгты хайадмæ æрбацыд куырдиат Цхинвалы 28-аздзыд цæрæг сылгоймæгæй. Уый радзырдта, йæ 28-аздзыд æмкъай йын хъаугъайы рæстæджы кæй æртхъирæн кодта", - радзырдтой уагдоны.

Цауы бынатмæ ацыд МХМ оперативон-сгарæн къорд. Уыдон сбæрæг кодтой, "æмкъай кæй æрбацыд нозтджынæй хæдзармæ пистолетимæ знон 21.00 сахатыл, цалдæр хатт ариуыгъта сылгоймаджы æмæ йын æртхъирæн кодта". Афтæ ма нæлгоймаг ныппырх кодта скъаппы кæсæн, алыг кодта йе ‘мкъайы хæдтулгæйы цæлхытæ æмæ ацыд сылгоймаджы телефон йемæ ахæсгæйæ.
Милицийы кусджытæ оперативон мадзæлтты рæстæджы ссардтой нæлгоймаджы æмæ йæ бакодтой рæстæгмæдарæн изолятормæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0