Хуссар Иры Хъорнисы хъӕуы фӕуд кӕны хиды арӕзтад

© Sputnik / Ада БагианХъорнисы хъӕу
Хъорнисы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хъорнисы хъӕуы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты фӕуд кӕны хиды арӕзтад. Хидыл сӕвӕрдтой асфальт, ныр ма дзы хъӕуы саразын йӕ бахизӕнтӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны автомобилон фӕндӕгты арӕзтады комитеты сӕрдар Гӕбӕраты Алан.
Ныртӕккӕ хид кусы ӕмӕ иу кӕны Хъорнис, Цъорбис, Сихиат ӕмӕ Алыгуаты хъӕутӕ республикон трассӕимӕ.
"Хидӕн алцыдӕр ӕлхӕд у. Хъӕуы сӕвӕрын барьерон гӕрӕнтӕ, уый фӕстӕ хид гӕнӕн ис официалон ӕгъдауӕй раттын эксплуатацимӕ", - загъта Гӕбӕраты Алан.
Ног хиды арӕзтад нывӕсты уыд 2025 азмӕ. Фӕлӕ фарон сӕрды тӕрккъӕвдаты фӕстӕ хид банымадтой тӕссагыл ӕмӕ йӕ сӕхгӕдтой автотранспорты змӕлдӕн. Уӕд аразджытӕ сарӕзтой рӕстӕгмӕ ахизӕн дӕр. Зӕронд хиды демонтаж ӕмӕ ног хид саразыны куыстытӕ райдыдтой 2023 азы фӕззӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0