https://sputnik-ossetia.com/20240902/khussar-iry-iu-kuyrim-rtsyd-dyuu-fndagon-transporton-tsauy--mkhm-30274295.html
Хуссар Иры иу къуыримæ æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы – МХМ
Хуссар Иры иу къуыримæ æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы – МХМ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы, уыцы период регистраци не ‘рцыд фыдракæндтæ, хъусын кæны... 02.09.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-09-02T12:24+0300
2024-09-02T12:24+0300
2024-09-02T12:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/871/37/8713730_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_529d043494172a4c148ca1bb2e5ef6fc.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы, уыцы период регистраци не ‘рцыд фыдракæндтæ, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.Уагдоны банысан кодтой, æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй Цхинвалы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбакодтой дыууæ æмбæстаджы.Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ иу къуыримæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 243 фæткхалды, дыууæ шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.Ноджы ма иу шофыр та не сразы медицинон басгӕрст рацӕуыныл, уый дӕр ӕркӕны административон бӕрндзинадмӕ, бафтыдтой министрады.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/871/37/8713730_340:0:3071:2048_1920x0_80_0_0_1a2d82490e0c3481fd04526f8d0724b6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Хуссар Иры иу къуыримæ æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы – МХМ
ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы, уыцы период регистраци не ‘рцыд фыдракæндтæ, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй Цхинвалы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбакодтой дыууæ æмбæстаджы.
"Республикæйы фæндæгтыл ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн бахъыгдард иу адæймаг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ иу къуыримæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 243 фæткхалды, дыууæ шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Ноджы ма иу шофыр та не сразы медицинон басгӕрст рацӕуыныл, уый дӕр ӕркӕны административон бӕрндзинадмӕ, бафтыдтой министрады.