Цӕгат Иры байгом Ӕхсӕнадӕмон культурон-патриотикон центр "Беслӕн. Скъола №1"

© Sputnik / Анна КабисоваБеслӕн
Беслӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Беслӕны байгом Ӕхсӕнадӕмон культурон-патриотикон центр "Беслӕн. Скъола №1", хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Республикӕйы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, центры саразынӕн егъау ӕххуыс кодтой Уӕрӕсейы реставраторты Цӕдисы специалисттӕ, афтӕ ма архитектортӕ ӕмӕ нывгӕнджытӕ бӕстӕйы алыгъуызон регионтӕй.
"Уыдон ӕнӕаргъӕй сӕххӕст кодтой цалцӕггӕнӕн ӕмӕ консервацион куыстытӕ скъолайы бӕстыхай ӕмӕ спортзалы. Алкӕцы къахдзӕфы тыххӕй дӕр уыдон консультаци кодтой "Беслӕны мӕдтӕ" комитетимӕ", - бахахх кодта Меняйло.
РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг баныфсӕвӕрдта, центры руаджы ноджы фылдӕр хъусдард здӕхт кӕй цӕудзӕн сывӕллӕттты хъахъхъӕнынад ӕмӕ терроризмы ныхмӕ тохӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0