Цхинвалы фыццаг сабидон низӕфхӕрд сабитӕн самайдзысты 2025 азы райдайӕнмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСабидон
Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы 2025 азы райдайӕнмӕ фӕнд кӕнынц бакӕнын фыццаг сабидон, кӕцы райсдзӕн сахъат сабиты. Ныртӕккӕ куыстытӕ сты кӕронбӕттӕн этапыл, фехъусын кодта Sputnik-ӕн арӕзтадон фирмӕ "Мегаполис-Т"-йы сӕргълӕууӕг Босыкты Олег.
"Сабидоны кусдзӕн коррекцион къорд. Сахъат сывӕллӕттӕн мах арӕзӕм лифт", - банысан кодта Босыкты Олег.
Ног сабидон уыдзӕн иууыл егъаудӕртӕй иу Цхинвалы, уый арӕзт цӕуы Суворовы уынгыл сабидоны аналогион проектмӕ гӕсгӕ.
Ныртӕккӕ фӕуд кӕнынц сабидоны территорийы хӕрзарӕзтадон ӕмӕ бӕстыхӕйтты мидӕггагон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Куыстытӕ цӕуынц ӕмгъуыдӕй раздӕр.
Объект ис Леуахийы цӕугӕдоны цур, уый фӕдыл аразджытӕ куыстыты рӕстӕджы сфидар кодтой донбылтӕ. Ног сабидоны уыдзӕн 160 бынаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0