https://sputnik-ossetia.com/20240904/gagloyty-alan-basgarsta-zarond-khidy-araztad-tskhinvaly-30296202.html
Гаглойты Алан басгӕрста Зӕронд хиды арӕзтад Цхинвалы
Гаглойты Алан басгӕрста Зӕронд хиды арӕзтад Цхинвалы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сӕххӕст кодта инспекцион балц Цхинвалы 13 Коммунары уынгмӕ, цы ран ныртӕккӕ... 04.09.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-09-04T15:39+0300
2024-09-04T15:39+0300
2024-09-04T15:39+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
арӕзтад
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/04/30295072_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_11619a2a6f4a167166610b9ed53364f5.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сӕххӕст кодта инспекцион балц Цхинвалы 13 Коммунары уынгмӕ, цы ран ныртӕккӕ цӕуы Зӕронд хиды арӕзтад.Паддзахады сӕргълӕууӕгимӕ уыдысты республикӕйы арӕзтады министр Цоциты Зауыр ӕмӕ Комавтодоры сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.Гаглойты Аланӕн радзырдтой арӕзтады темпты тыххӕй ӕмӕ банысан кодтой, ныртӕккӕ объектыл ӕвӕрд кӕй цӕуы асфальт. Уыдон бахахх кодтой, боны кӕронмӕ хидыл кӕй сног кӕндзысты автотранспорты змӕлд.Арӕзтады министр бафтыдта, зӕгъгӕ, хидыл нывӕндынц саразын фӕлгӕсӕн фӕзуӕттӕ, кӕцытӕ нӕ уыдысты фыццаджы проекты.Гаглойты Алан райгондӕй баззад арӕзтады темптӕй.Цхинвалы Зӕронд хиды арӕзтад цӕуы 2023-2025 азты Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/04/30295072_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_fb9a1a540f5c88c05082b716d4750ada.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, гаглойты алан
Гаглойты Алан басгӕрста Зӕронд хиды арӕзтад Цхинвалы
ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сӕххӕст кодта инспекцион балц Цхинвалы 13 Коммунары уынгмӕ, цы ран ныртӕккӕ цӕуы Зӕронд хиды арӕзтад.
Паддзахады сӕргълӕууӕгимӕ уыдысты республикӕйы арӕзтады министр Цоциты Зауыр ӕмӕ Комавтодоры сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
Гаглойты Аланӕн радзырдтой арӕзтады темпты тыххӕй ӕмӕ банысан кодтой, ныртӕккӕ объектыл ӕвӕрд кӕй цӕуы асфальт. Уыдон бахахх кодтой, боны кӕронмӕ хидыл кӕй сног кӕндзысты автотранспорты змӕлд.
"Куыстытӕ балхынцъ кӕнынӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕджытӕ нӕм ис. Хид эксплутацимӕ куы радтам, уӕд дзы куыстытӕ адарддӕр кӕндзыстӕм. Хиды облицовкӕ сӕххӕст кӕндзыстӕм диабазӕй, кӕцы арӕзт цӕуы Хуссар Ирыстоны территорийыл", - банысан кодта Цоциты Зауыр.
Арӕзтады министр бафтыдта, зӕгъгӕ, хидыл нывӕндынц саразын фӕлгӕсӕн фӕзуӕттӕ, кӕцытӕ нӕ уыдысты фыццаджы проекты.
Гаглойты Алан райгондӕй баззад арӕзтады темптӕй.
"Тынг ахсджиаг у, арӕзтады кӕй райдыдтам пайда кӕнын нӕхи ӕрмӕджытӕй. Куыд ӕй уынӕм, афтӕ дзы ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ нӕй – хид рауад рӕсугъд ӕмӕ фидар. Мах дарддӕр дӕр размӕ кӕндзыстӕм ӕрзӕткъахӕн къабаз ӕмӕ тагъд рӕстӕджы райдайдзыстӕм ӕрвитын нӕ продукци экспортмӕ", - фехъусын кодта президент.
Цхинвалы Зӕронд хиды арӕзтад цӕуы 2023-2025 азты Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты.