Хуссар Иры ауадздзысты ахуыргӕнджыты аттестаци – ахуырады министр

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ауадздзысты ахуыргӕнджыты аттестаци
Хуссар Иры ауадздзысты ахуыргӕнджыты аттестаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕввахс рӕстӕджы ныммыхуыр кӕндзысты барлӕвӕрд педагогон кусджыты аттестацийы фӕдыл, фехъусын кодта республикӕйы ахуырады министр Лолаты Аслан ахуыргӕнджыты конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта ахуырады министрадӕн ӕркӕсын ахуыргӕнджыты аттестацийы системӕмӕ, фенцондӕр кӕнын процедурӕ.
"Знон ацыд аттестацион къамисы рабадт, тагъд рӕстӕджы уыдзӕн барлӕвӕрд ахуырады къабазы кусджыты аттестацийы фӕдыл", - банысан кодта министр.
Лолаты Аслан бахахх кодта, ахуыргӕнджыты аттестацийы процедурӕйы кӕй рабӕрӕг чысыл фиппаинӕгтӕ, кӕцытӕ ныридӕгӕн иуварс ӕрцыдысты.
Ахуырады министр бафтыдта, зӕгъгӕ, аттестаци уадзыны фӕдыл уагӕвӕрд развӕлгъау арвитдзысты ахуырадон уагдӕттӕм, цӕмӕй ахуыргӕнджытӕн фылдӕр рӕстӕг уа бацӕттӕ кӕнынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0