Ветслужбӕ ӕмӕ милици сӕ цӕст дардзысты хӕдзарон фос ӕмӕ урсаджы уӕй кӕнынмӕ Цхинвалы

© Sputnik / Михаил АвагимовЦхинвалы стыр базар
Цхинвалы стыр базар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фыццӕгӕм октябрӕй фыдызгъӕл, урсаг ӕмӕ хӕдзарон фосы реализацийы фӕтктӕ ӕххӕст кӕнынмӕ сӕ цӕст дардзысты барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ – уыдон цӕудзысты ветеринарон службӕйы кусджытимӕ горӕты базартӕм.
Хъӕууон хӕдзарады министрады ветеринарийы фӕткдаруаты хистӕр Тедеты Ацӕмӕз куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй хӕдзарон фосы хицӕуттӕм, кӕцытӕ нывӕндынц ласын фыдызгъӕл хуыцаубоны базармӕ Цхинвалмӕ, хъуамӕ уа ӕмбӕлон ветеринарон ӕвдисӕндар.
"Уый фӕстӕ нӕ ветеринарон специалисттӕ басгардзысты продукци бынаты ӕмӕ рахӕсдзысты скъуыддзаг базайрӕгтӕ уӕй кӕнынмӕ бауадзыны фӕдыл" - банысан кодта Тедеты Ацӕмӕз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуыцаубонты горӕты стыр базары дыууӕ ветеринары кусдзысты барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттимӕ, цӕмӕй ӕххӕст цӕуой ветеринарон нормӕтӕ ӕмӕ фӕтктӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0