МХМ бафæдзæхста ныййарджыты æнахъомтæн хæдтулгæ раттыны фæдыл бæрндзинады тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) бафæдзæхста хистæркъласонты ныййарджыты, æнахъомтæн кæй нæй гæнæн дæттын хæдтулгæ, уый фæдыл. Уый тыххæй фехъусын кодта министрады пресс-службæ.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй министрады кусджыты цыппæрæмы райсомæй ракодтой службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ ахуырадон азы райдайæны тыххæй.
"Министрад зæрдыл бадардта хистæркъласонтæ æмæ сæ ныййарджытæн, кæй нæй гæнæн дæттын хæдтулгæ æнахъомтæн", - банысан кодтой уагдоны.
Ахæм цауты рæстæджы æнахъом шофырмæ æнхъæлмæ кæсдзæн административон бæрндзинад, уый бандавдзæн ныййарджытыл дæр – уыдон дзуапп дæтдзысты хæдтулгæ æнахъоммæ раттыны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0