Останкины телемӕсыг дӕс боны дӕргъы уыдзӕн ирон тырысайы хуызы

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæОстанкины телемӕсыг
Останкины телемӕсыг  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы сӕйраг телемӕсыг 7-ӕй 17-ӕм сентябрмӕ уыдзӕн ирон тырысайы хуызы Ирыстоны Уӕрӕсемӕ ӕрбаиу кӕныны 250-ӕм афӕдзы бон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕвзӕрды 100 азы юбилейы цытӕн, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Ирон тырысайы хуызтӕ фӕзындзысты Останкины телемӕсыгыл националон музыкӕ ӕмӕ адӕмон кӕфтытимӕ. Уыцы изӕр ма ацӕудзӕн зындгонд оперон зарӕггӕнӕг Сланты Тимуры ралӕуд", - ныффыста Меняйло йӕ telegram-каналы.
Останкины телемӕсыджы медиафасадыл ма уыдзӕн видеоролик Тӕбӕхсауты Балойы номыл Цӕгат Ирыстоны паддзахадон академион театры гарстольты тыххӕй юбилейон датӕты фӕлгӕтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0