Цӕгат Иры археологтӕ ссардтой рагон артефакттӕ Мамысоны комы

© Photo : Владикавказский научный центр Российской академии наукЦӕгат Иры археологтӕ ссардтой рагон артефакттӕ Мамысоны комы
Цӕгат Иры археологтӕ ссардтой рагон артефакттӕ Мамысоны комы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы зонады академийы Дзӕуджыхъӕуккаг зонадон центры археологты къорд туристон комплекс "Мамысон"-ы арӕзтады бынаты археологон къӕхтыты рӕстӕджы ссардтой ӕнӕаргъ артефакттӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта Центры пресс-службӕ.
"Экспедицийы рӕстӕджы зӕххы бын ссардӕуыд ӕнӕаргъ артефакттӕ, бронзӕйӕ конд фибулӕтӕ, фӕрдгуытӕ, къухдарӕнтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ахуыргондтӕ сахуыр кодтой артефакттӕ ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, ӕрмӕджыты фылдӕр хай кӕй ӕрбаластой дард бӕстӕтӕй, уый та дзуры ууыл, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы уыд уӕрӕх базарадон бастдзинӕдтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0