"Иугонд Уӕрӕсе" фӕуӕлахиз парламентон ӕвзӕрстыты Цӕгат Иры

© Sputnik / Александр Пирагис /  Ахизын медиабанкмæИугонд Уӕрӕсе
Иугонд Уӕрӕсе - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хатдзӕгтӕ скодтой Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты Ӕмбырды депутаттӕм ӕвзӕрстытӕн. Райсгӕ мандатты лидер ссис "Иугонд Уӕрӕсе". Уый тыххӕй дыццӕджы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК).
Ӕртын дыууӕ депутатон мандаты байуӕрстой ахӕм хуызы: Уӕрӕсейы Либералон-демократон парти (ЛДПР) – 1 мандат; Уӕрӕсейы Федерацийы Коммунистон парти – 2 мандаты; Рӕстаг Уӕрӕсе – 6 мандаты; Иугонд Уӕрӕсе – 23 мандаты.
Хъӕлӕскӕнынады иугонд боны хатдзӕгтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты цыппар хъӕуы администрацийы сӕргълӕуджытӕ, афтӕ ма раивтой 58 депутатон мандаты.
Дзӕуджыхъӕуы хъӕлӕскӕнынадмӕ ӕрбацыдысты цӕрджыты 52,85%, уый та у 128 020 мин адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0