Кремлы радзырдтой, цæмæн нæ ацæудзæн Путин ИНО-йы Генералон Ассамблеймæ

© Sputnik / Roman Makhmutov /  Ахизын медиабанкмæИНО-йы Генералон Ассамблей
ИНО-йы Генералон Ассамблей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин нæ ацæудзæн Иугонд нациты организацийы (ИНО) Генералон Ассамблейы рабадтмæ Нью-Йоркмæ, уымæн æмæ Америкæйы Иугонд Штаттæ (АИШ) ныртæккæ не сты хорз здæхт уæрæсейаг лидеры балцытæн, фехъусын кодта РИА Новостийæн паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Дмитрий Песков.
"Фæстаг азты нæ ацæуы. АИШ ныртæккæ у бæстæ, кæцы кæронмæ нæ æххæст кæны йæ хæслæвæрдтæ куыд бæстæ – ИНО-йы штаб-фатер. Уый фæдыл ацы здæхт хорз нæу уæрæсейаг лидеры балцытæн", - загъта пресс-секретарь.
Уый размæ Владимир Путин сфидар кодта уæрæсейаг делегацийы сконд ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм рабадтмæ, кæцы ацæудзæн 22-23 сентябры Нью-Йоркы. Уæрæсейы делегацийы сæргъ лæудзæн фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров.
Ног хабӕртты лентӕ
0