Хуссарирыстойнаг спортсменкӕтӕ рамбылдтой майдантӕ аивадон гимнастикӕйӕ турниры

© Sputnik / Наталья АйриянАивадон гимнастикӕ
Аивадон гимнастикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны спортсменкӕтӕ рамбылдтой майдантӕ аивадон гимнастикӕйӕ ерысты Нальчикы. Уыдон уыдысты фыццаг ерысты ацы ахуырадон азы, радзырдта Sputnik-ӕн тренер Цхуырбаты Зема.
"Мах акодтам ерыстӕм фондз чызджы, уыдон ӕнтыстджын архайд скодтой. Турниры хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, мах рамбылдтам ӕртӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы. Иууыл хуыздӕр ралӕуд равдыста Ӕлборты Виктория. Ноджы ма дыууӕ сыгъзӕрин майданы рамбылдтой Хъӕцмӕзты Анна ӕмӕ Хуыбылты Анастасия. Дыккаг бынатыл ацыд Пухаты Валерия, ӕртыккагыл та – Ӕлборты Лана", - загъта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхсӕнрегионалон турниры хайад истой Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары хуыздӕр гимнасткӕтӕ, уымӕ гӕсгӕ дзы уыд стыр конкуренци.
Цхуырбаты Зема бафтыдта, зӕгъгӕ, хуссарирыстойнаг спортсменкӕтӕ хайад райсдзысты фӕззыгон ерысты Дзӕуджыхъӕуы 28 ӕмӕ 29 сентябры, октябры райдайӕны та ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйы федерацийы Кубок.
Ног хабӕртты лентӕ
0