Знауыры фæцис ног бирæфатерон хæдзары арæзтад

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæАрæзтад
Арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры поселочы фæцис бирæфатерон хæдзары арæзтад Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ныр район райсдзæн 18 фатеры. Уый тыххæй фехъусын кодта арæзтадон организаци "Престиж"-ы разамонæг Беппиты Инал.
Знауыры районы ныридæгæн арæзт æрцыдысты æртæ ног бирæфатерон хæдзары. Æртæ бæстыхай дæр сты æмхуызон сæ архитектурон хуызмæ гæсгæ æмæ сты поселочы центры, Ленины уынгыл.
"Æртæуæладзыгон хæдзары ис дыууæ подъезды, цы ран ис 18 фатеры. Уыдонæй 12 сты дыууæуатон æмæ 6 та – æртæуатон", - банысан кодта Беппиты Инал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фатертæ се ‘ппæт дæр сты капиталон цалцæггонд æмæ дзы сæвæрдтой сантехникæ.
"Къæбицы сæвæрдтам электроплитæтæ, алкæцы фатерæн та ис автономон хъармгæнæн системæ", - банысан кодта организацйы сæргълæууæг.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, бирæфатерон хæдзарæн ис ныккæнд дæр. Кæрты та арæзт æрцыд хæдтулгæты лæууæн æмæ сывæллæтты фæзуат.
Ног хабӕртты лентӕ
0