Хуссар Ир ӕрӕмбырд кӕндзӕн уырыссаг дунейы шахматистты ӕхсӕнадӕмон турнирмӕ

© Photo : Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОШахматтӕ
Шахматтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн уырыссаг дунейы бӕстӕты ӕхсӕнадӕмон турнир шахматтӕй. Республикӕйы шахматты федерацийы сӕргълӕууӕг Саулохты Георгий куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй нӕ республикӕйы спортивон кад хъахъхъӕндзысты дыууӕ командӕйы.

"Нӕ республикӕйы спортивон кад хъахъхъӕндзысты дыууӕ командӕйы. Уымӕй дарддӕр нӕм ӕрцӕудзысты шахматисттӕ РЦИ-Алани, Липецкы област, Донецкы Адӕмон Республикӕ, Луганскы Адӕмон Республикӕ, Днестыргӕрон ӕмӕ Абхазӕй", - загъта Саулохты Георгий.

Турнир ацӕудзӕн Хуссар Ирыстон президент, Россотрудничествойы минӕварад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ӕххуысӕй 15 сентябры 11.00 сахатыл.
"Мах ратдзыстӕм призтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕппӕт хайадисджытӕн. Афтӕ ма мах балӕвар кӕндзыстӕм хайадисджытӕн Саулохты Тамарайы альбомтӕ. Уым ӕвдыст сты нӕ республикӕйы фендтаг бынӕттӕ", - банысан кодта Саулохты Георгий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ нывӕсты ма ис къорд мадзалы азы кӕронмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0