Бететы Сослан ацыд "Алани"-йы сӕйраг тренеры бынатӕй

© Photo : ФК "Алания"Бететы Сослан ацыд "Алани"-йы сӕйраг тренеры бынатӕй
Бететы Сослан ацыд Алани-йы сӕйраг тренеры бынатӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik. Бететы Сослан йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ацыд футболон командӕ "Алани"-йы тренерон штабӕй, фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны футболон командӕйы пресс-службӕ.
"Футболон клуб "Алани" бузныг дзуры специалистӕн бӕрнон ахасты тыххӕй хъуыддагмӕ ӕмӕ удуӕлдай куысты тыххӕй, ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕнтыстытӕ фидӕны", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Бететы Сосланы снысан кодтой футболон клуб "Алани"-йы тренеры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй ацы аз июны.
Афтӕ ма "Алани"-йы сӕйраг тренеры бынатӕй ацыд Султан Тазабаев.
Пресс-службӕйы фехъусын кодтой, ӕввахс рӕстӕджы кӕй фӕзындзӕн информаци ног тренеры фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0