Цӕгат Иры скъоладзауты райдыдтой ахуыр кӕнын дронтимӕ архайын

© Sputnik / Антон Вергун /  Ахизын медиабанкмæДрон
Дрон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Чиколайы хъӕуы скъоладзаутӕн бакодтой ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттимӕ кусын ахуыр кӕныны кълас, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Цӕгат Ирыстоны рацыд ӕвзӕрст, цӕмӕй 2024 азы федералон бюджетӕй субсидитӕ райса федералон программӕ "Ӕнӕпилотон авиацион системӕ"-йы фӕлгӕтты.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, секцитӕ арӕзт ӕрцӕудзысты цалдӕр скъолайы.
"Цӕгат Ирыстоны ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттимӕ кусын ахуыр кӕныны фыццаг кълас бакодтой Чиколайы хъӕуы. Уӕрӕсейы рухсады министрады 300 милуан сомы бӕрц гранты руаджы ахӕм секцитӕ бакӕндзысты республикӕйы 17 скъолайы", - банысан кодта Сергей Меняйло.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъоладзаутӕ ахуыр кӕндзысты ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ аразын ӕмӕ скъӕрын.
Ног хабӕртты лентӕ
0