Цхинвалы цыппӕрӕмы рӕстӕгмӕ сӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд

Цхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik. Цхинвалы цалдӕр уынгыл рӕстӕгмӕ сӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд цыппӕрӕмы бӕрӕгбонон мадзӕлтты тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Райсом 11 сахатӕй ӕхгӕд уыдзысты Сталины-Тӕболты ӕмӕ Сталины-Пушкины уынгты алвӕндӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ республикӕйы цӕудзӕн Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы бӕрӕгбоны фӕдыл мадзал.
Фӕндагон змӕлд бакӕндзысты церемонийы фӕстӕ.
Изӕры, 18:00 сахатыл Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ацӕудзӕн бӕрӕгбонон концерт. Уый фӕдыл театры алыварс территорийыл нӕ уыдзӕн бар лӕууӕн автотранспортӕн.
Афтӕ ма Цхинвалы 19 сентябры 9:00 сахатӕй мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ рахызтысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ.
Культурон-массон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад хъахъхъӕндзысты милицийы 500 кусӕджы бӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0